ФЫДЫБÆСТÆ
Лæгæн зынаргъ
куыннæ вæййынц
Йæ бинонтæ, йæ мад!
Лæгæн зынаргъ
куыннæ вæййы
Йæ рæзгæ бонты цард!
Фæлæ уæддæр,
ныййарæг зæхх,
Дæуæн æмбал кæм и!
Дæуæй зæрдæйæн
адджындæр,
Зæгъ-ма мын, чи у,
чи?!
Нæ урс хæхтæ, нæ тар
хъæдтæ,
Нæ хъал дæтты
хъæлæс,
Нæ зад хуымтæ, нæ
быдыртæ,
Нæ дидинæгджын
фæз,
Кæм хъазыдтæн æз
сабийæ,
Кæм рæзыдтæн æдас,
—
Мыггагмæ дæр
сымахимæ
Мæ зæрдæ баст у,
баст.
Нæ фыдæлтæ сæ
хъарм тугæй
Дæу балхæдтой, мæ
зæхх,
Нæ бæркадджын
фæллойæ дæ
Ысбуц кодтам
дзæбæх.
Ды дæ мæ цин, мæ
цардамонд,
Фыдыбæстæ, дæуæй
Мæнæн зынаргъдæр,
адджындæр
Нæ уыдис æмæ нæй.
Æрмæст дæ кой, дæ
буц ном дæр
Ыстыр ныфс у лæгæн.
У суанг дæ сыгъдæг
уæл